Гаглойты Алан: Хуссар Иры Конституци у ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинады гарант

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта ӕмбӕстӕгтӕн Конституцийы боны фӕдыл.
"Конституци ссис паддзахады фидар бындур, ӕмбӕстаджы бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинады гарант", - бахахх кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон кӕй рацыд уӕззау фӕндаг хӕдбар паддзахад суӕвынмӕ.
Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕ абон цӕуы размӕ, фидар кӕнынц паддзахадон институттӕ, арӕзт цӕуынц уавӕртӕ ӕмбӕстӕгтӕн.