ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik. Тедеты Азӕмӕт ӕмӕ Джуссойты Диана райстой зӕрдылдарӕн майдантӕ "Ӕппӕтдунеон фӕсивӕдон фестиваль 2024 азы" ӕхсӕнадӕмон форум ауадзынмӕ хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй.
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Ӕппӕтдунеон фӕсивӕдон фестивалы хайадисджыты
© Sputnik / Михаил Авагимов
Уӕрӕсейы президенты номӕй хорзӕхтӕ радта Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Кулахметовы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны делегаци йӕхи иттӕг хорз равдыста фестивалы Сочийы ӕмӕ уый фӕдыл бӕрзонд аргъ скодтой хайадисджытӕ ӕмӕ организатортӕн.
"Сымахӕн банымадтой уӕ хайбавӕрд ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон ӕмгуыстады райрӕзтмӕ", - банысан кодта минӕвар.
Тедеты Азӕмӕт бузныг загъта ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, фестивалы хайадисты руаджы республикӕйы фӕсивӕдӕн кӕй ис ног фадӕттӕ райрӕзт ӕмӕ ӕмархайдӕн ӕхсӕнадӕмон фӕзуаты.
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Ӕппӕтдунеон фӕсивӕдон фестивалы хайадисджыты
© Sputnik / Михаил Авагимов