ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 73 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 73 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Орелы ӕмӕ Ростовы областты, афтӕ ма Краснодары крайы, Хъырымы Республикӕйы ӕмӕ Сау ӕмӕ Азовы денджызы акваториты" - дзырдӕуы хъусинаджы.