Президент Гаглойты Алан фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Президент Гаглойты Алан Цхинвалы фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ. Паддзахады сæргълæууæг сын загъта бузныджы ныхæстæ.
"Махæй алчидæр сæрыстыр у сымахæй. Сымах стут Ирыстон æмæ Уæрæсейы фидæны фæлтæртæн фæзминаг", - загъта Гаглойты Алан.
Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты æмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы цы лæгдзинад равдыстой, уый тыххæй сын президент саккаг кодта "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы" майдантæ.
Президент Гаглойты Алан фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ