ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй 10-æй 13-æм апрелмæ Транскамыл уыдзæн æвзæр боныхъæд. Уыдзæн тыхджын митуард, фæндагыл ихцъар сæвæрдзæн. Хæххон рæтты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.
Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, гæнæн ис æмæ Транскам æхгæд æрцæуа. Министрад сиды шофыртæм, цæмæй сæ хъус дарой фæндагон-климатон уавæрмæ æмæ сæ балцæн равзарой хуыздæр рæстæг æмæ уавæртæ. Ирвæзынгæнджыты къордты æмæ фæндагон службæты куыст та ракодтой уæлдай цæттæдзинады фæткмæ.