ЦХИНВАЛ, 8 апр — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль митуардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ кусы штатон режимы, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй, хъусын кӕны цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
"Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй. Трассӕйыл уары хуылыдз мит", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Уый размӕ хъусын кодтой, боныгъӕд кӕй февзӕрдӕр Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты.