ЦХИНВАЛ, 10 апр— Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бавдыста Къуайсайы цӕрджытӕн ног сӕргълӕууӕг Хъӕцмӕзты Сергейы.
Президент раарфӕ кодта Къуайсайы ног разамонӕгӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ загъта ӕнтыстытӕ куысты.
Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг бузныджы ныхӕстӕ загъта горӕты раздӕры разамонӕг Хуыгаты Ибрагимӕн.
Президент бахахх кодта, газ ӕмӕ донифтонгады уавӕр Къуайсайы кӕй ӕрнывыл уыдзӕн ӕввахс рӕстӕджы.
Гаглойты Алан ӕрныхас кодта Къуайсайы цӕрджытимӕ ӕмӕ сын бавдыста ног сӕргълӕууӕджы
© Sputnik / Виктория Тедеева
Бынӕттон цӕрджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой цалдӕр фарстыл: тракторы цалцӕг, спортивон фӕзуаты ӕдзӕллаг уавӕр, скъолайы транспорты цухдзинад, бензины цухдзинад спортсменты балцытӕн цхинвалмӕ, сабидлны сывӕллӕтты фӕзуаты ӕвзӕр уавӕр, афтӕ ма фондзуӕладзыгон хӕдзары уӕлхӕдзары капиталон цалцӕг.
Президент ӕвӕстиатӕй райста мадзӕлттӕ, цӕмӕй бынаты аскъуыддзаг кӕной цалдӕр проблемон фарсты.