ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Президент Гаглойты Алан фембæлд æртæ хатты олимпиаг чемпионкæ синхронон ленк кæнынæй Алла Шишкинаимæ.
Фембæлды ма хайад райстой РХИ президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан æмæ æхсæнад "Зонынад"-ы хуссарирыстойнаг хайады разамонæг Гæджиты Анна.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг коллегæтимæ иумæйаг гуманитарон проектты руаджы цыбыр æмгъуыдмæ ис æвæрццаг фæстиуджытæ.
"Де ‘нтыстыты историтæ уыдзысты нæ фæсивæдæн ирд дæнцæг. Уыдонæй алкæмæндæр уыдзæн фадат сфæлхатт кæнын спортсментæ, ахуыргæндтæ æмæ культурæйы архайджыты æнтыст", - загъта Гаглойты Алан.
Алла Шишкина бузныг загъта хъарм райсты тыххæй æмæ банысан кодта, кæй бафæлвардзæн удцырын скæнын хуссарирыстойнаг фæсивæды.
Алла Шишкина æрцыд республикæмæ уæрæсейаг æхсæнад "Зонынад"-ы рухстауæн программæйы фæлгæтты æмæ абон ауадздзæн лекци фæсивæдæн.