ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Æфсæддон полигон "Дзарцъем"-ы ацыдысты тактикон ахуыртæ. Ахуырты хайад райстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æппæт дæлхæйттæ æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы экипажтæ.
Хæстон ахуыртæм бацыд президент Гаглойты Алан æмæ тыхон структурæты разамонджытæ.
Ахуыртæ цыдысты æртæ этапы: æнæпилотон тæхæг аппаратты атакæ аиуварс кæнын, ныхмæлæууæджы командон пункт дронтæй скуынæг кæнын æмæ нысæнттæ æхсын артиллери æмæ уæззау хæцæнгарзæй.
Лæмбынæгдæр – нæ видео æрмæджы.