Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы зонæйы фæмардуæвæг хæстон Коцты Александрæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Хуссар Иры дыццæджы фæстаг хæрзбон загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы фæмардуæвæг хæстон Коцты Александрæн.
Фыдохы митингмæ æрбацыдысты республикæйысæдæгай цæрджытæ, хæстоны хиуæттæ æмæ хæлæрттæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй.
Коцты Александр 2024 азæй фæстæмæ нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл.
Хæстоныл цыд 39 азы. Баззад ын æртæ сывæллоны.
Президенты барамындæй Коцты Александрæн мæлæтæ фæстæ радтой "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæгæн" майдан.