ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль дыццӕджы кусы штатон режимы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Уый размӕ трассӕ цалдӕр хатты сӕхгӕдтой ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ дурты ӕркалды тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль 14 апрелы райсомы кусы штатон режимы, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.