ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы æрцыд фæндагон-транспортон цау дыууæ хæдтулгæйы хайадистæй, аварийы аххосаг уыд ихцъар фæндаг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны УУМ.
"Дыууæ хæдтулгæ дæр сфæлдæхтысты. Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй", - банысан кодтой уагдоны.
Республикæйы МХМ фехъусын кодтой, авари кæй æрцыд Ручъы тоннель – Цхинвал фæндаджы фыццаг километрыл. Toyota Land Cruiser æмæ Лада Нива хæдтулгæты шофыртæ нæ сырæхстысты скъæрын æмæ транспортон фæрæзтæ сфæлдæхтысты.