Хуссар Иры ДЦП-йӕ рынчын сывӕллӕттӕн ӕнӕаргъӕй райдайдзысты хос кӕнын сӕ дӕндӕгтӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ӕнӕаргъӕй хос кӕнын ДЦП-йы диагнозимӕ сывӕллӕтты дӕндӕгтӕн иумӕйаг наркозӕй пайдагӕнгӕйӕ, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады пресс-службӕ.
Дӕндӕгтӕн наркозы бын хос кӕндзысты сывӕллӕтты поликлиникӕйы базӕйыл. Ныртӕккӕ республикӕйы ДЦП-йы диагнозимӕ хыгъды лӕууынц 22 пациенты.
"Уый размӕ ахӕм медицинон ӕххуыс райсыны фӕдыл бинонты хъуыд цӕуын республикӕйӕ Уӕрӕсемӕ. Уый та домдта стыр финансон хӕрдзтӕ", - банысан кодтой министрады.
Химӕист ӕххӕст кӕндзысты сывӕллӕтты дохтыр-стоматолог Хацырты Марина ӕмӕ ӕрхонгӕ уӕрӕсейаг специалист, дохтыр-анестезиолог Алексей Пережогин.