ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Гӕбӕраты Валерийӕн.
Фыдохы митингмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, хъайтары хиуӕттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ.
Гӕбӕраты Валерий фӕмард СӔО-йы зонӕйы ивгъуыд аз июлы.
Гаглойты Алан тӕфӕрфӕс ракодта хӕстоны бинонтӕн ӕмӕ банысан кодта, Валерий кӕй уыд ӕцӕг хъайтар.
Гӕбӕраты Валерийыл цыд 60 азы. Баззыд ын дыууӕ сывӕллоны.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй Гӕбӕраты Валерийы мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.