Хуссар Иры рауадздзысты СӔО-йы зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстонты номарӕн чиныг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны рауадздзысты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы фӕмардуӕвӕг хӕстонты номарӕн чиныг. Уый тыххӕй фехъусын кодтой мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты.
Республикӕйы президент Гаглойты Аланы ӕххуысӕй чиныг рауадздзысты ацы азы кӕронмӕ.
Комитет бахатыд зынгхуыст хӕстонты хиуӕттӕм ӕмӕ ӕмлужбӕгӕнджытӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕной ӕрӕмбырд кӕнын информаци сӕ цардвӕндаджы тыххӕй.
"Куыд фылдӕр ӕрмӕджытӕ нӕм уа, афтӕ хуыздӕр рацӕудзӕн чиныг нӕ хъайтарты сгуыхтдзинӕдты фӕдыл", - банысан кодтой уагдоны.
Ӕрмӕджытӕ исынц РХИ паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты бӕстыхайы.