РХИ президент ӕрсидт прокуратурӕмӕ фӕфылдӕр кӕнын цӕстдарды системӕйы эффективондзинад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы органты сӕйраг приоритет 2026 азы хъуамӕ уа цӕстдарды системӕйы эффективондзинад сфидар кӕнын, фехъусын кодта РХИ Генпрокуратурӕйы коллегийы рабадты рӕстӕджы республикӕйы президент Гаглойты Алан.
Генпрокуратурӕйы коллегийы рабадт
"Прокуратурӕйы органтӕ сӕйраг хӕс у карзӕй ӕххӕст кӕнын закъонтӕ ӕмӕ хъахъхъӕнын ӕмбӕстӕгты бартӕ уголовон процессы ӕппӕт стадитыл. Алкӕцы ӕрмӕг ӕмӕ уголовон хъуыддаг дӕр хъуамӕ бакӕной кӕронмӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ", - бахахх кодта президент.
Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уӕлдай хъусдард хъӕуы аздахын развӕлгъау фӕдысгӕрстмӕ. Афтӕ ма хъӕуы фӕтыхджындӕр кӕнын прокуратурӕйы органты профилактикон куыст ӕнахъомты ӕхсӕн фыдракӕндты ныхмӕ.
Генпрокуратурӕйы коллегийы рабадт