Цхинвалы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik. Цхинвалы райсомӕй 8-ӕм Июны уынгыл ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты Министрад (МХМ).
Toyota Mark X хӕдтулгӕйы шофыр, Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг, нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ транспортон фӕрӕз сӕмбӕлд хӕдзары къулыл, радзырдтой уагдоны.
Цӕфӕй Mark X аппӕрста фӕрсырдӕм, цы ран сӕмбӕлд дыууӕ хӕдтулгӕйыл.
Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой министрады.