Хуссар Ир фыццаг хатт хайад райсдзӕн Уӕлахизы Музейы посты къамты равдысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Уӕлахизы Музейы виртуалон равдыст 9 маймӕ алыгъуызон дугты хъайтарты цытӕн ӕрӕмбырд кодта 25 мин куысты бӕрц, сӕ нымӕцы ис 50 авторы Хуссар Ирыстонӕй, хъусын кӕны РИА Новости.
Посты къамтӕ сарӕзтой Ӕхсӕнадӕмон конкурс "Фыдыбӕстӕйы Хъахъхъӕнджытӕ. Уӕлахиз иудзинады" хайадисджытӕ. Сфӕлдыстадон ерысты арӕзт цӕуынц куыстытӕ алыгъуызон дугты хъайтарты фӕдыл – Куликовы тохӕй нырыккон дуджы онг.
Куыстыты автортӕ сты Уӕрӕсейы ӕппӕт регионты цӕрджытӕ ӕмӕ къорд фӕсарӕйнаг бӕстӕйы минӕвары. Конкурсы фыццаг хатт хайад исынц 50 авторы бӕрц Хуссар Ирыстонӕй.
Конкурсӕн хатдзӕгтӕ скӕндзысты 30 апрелы. Ӕппӕт хайадисджытӕ райсдзысты сертификаттӕ, уӕлахиздзауты та фӕхондзысты хорзӕхкӕныны цытджын церемонимӕ Уӕлахизы Музеймӕ.