Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта СӔО-йы архайджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан радта паддзахадон хорзӕхтӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хайадисджытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент банысан кодта хӕстонты хъайтардзинад ӕмӕ патриотизм.
"Алчидӕр уӕ у хъайтардзинад ӕмӕ Фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдыгдзинады дӕнцӕг. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй уӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхат Уӕлахизимӕ сӕрыгас ӕмӕ ӕнӕнизӕй", - загъта Гаглойты Алан.
СӔО-йы рӕстӕджы хъайтардзинад равдисыны тыххӕй президенты барамындӕй "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майдантӕй схорзӕхджын кодтой Гӕззаты Батрадз, Гулчеты Азӕмӕт, Джиоты Алан, Дзӕгъиаты Сослан ӕмӕ Собаты Азӕмӕты.