ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 207 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 207 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Белгороды, Смоленскы, Курскы, Брянскы ӕмӕ Орелы областты, афтӕ ма Краснодары крайы, Хъырымы Республикӕйы ӕмӕ Сау ӕмӕ Азовы денджызы акваториты" - дзырдӕуы хъусинаджы.