ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ (РБМЦ) госпитализаци скодтой дыууæмæйдзыд сабийы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Сывæллоны уавæр у рæстæмбис", - банысан кодтой министрады.
Пациент ис специалистты хъусдарды бын, дохтыртæ йын æнæмæнгхъæугæ медицинон æххуыс кæнынц, бафтыдтой уагдоны.