Гаглойты Алан ӕрцыд Мӕскуымӕ, цӕмӕй хайад райса Хуссар Иры Культурӕйы бонты Уӕрӕсейы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райсдзӕн Хуссар Ирыстоны культурӕйы бонты Уӕрӕсейы, фехъусын кодта йӕ пресс-секретарь Босыкты Наталья.
"Президент знон ӕрхӕццӕ столицӕмӕ, абон та официалон ӕгъдауӕй бакӕндзысты Хуссар Ирыстоны культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы", - загъта пресс-секретарь.
Къуырисӕры Чайковскийы номыл концертон залы ралӕудзӕн ансамбль "Симд". Ацы бон ма бакӕндзысты хуссарирыстойнаг нывгӕнджыты куыстыты равдыст.
Культурон мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты 22-23 февралы Гоголы номыл Театры сценӕйыл, цы ран кӕсджытӕн равдисдзысты спектаклтӕ.