Хуссар Ир нырма нӕ фӕцис хъармгӕнӕн сезон ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй – Къӕбысты Ацӕмӕз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕудӕджерады комитеты разамонӕг Къӕбысты Ацӕмӕз фехъусын кодта, республикӕйы хъармгӕнӕн сезон формалон ӕгъдауӕй кӕй фӕцис, фӕлӕ хъармгӕнӕн системӕ нырма нӕ ахицӕн кодтой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.
"Нырма уазал у ӕмӕ уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтам чысыл банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ фӕхъармдӕр уа, уӕдмӕ", - банысан кодта Къӕбысты Ацӕмӕз.
Комитеты разамонӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, ныридӕгӕн райдыдтой уадзын цӕттӕкӕнынадон куыстытӕ фидӕны хъармгӕнӕн сезонмӕ. Къӕбысты Ацӕмӕз фехъусын кодта, кӕй сӕм ӕрбацыд заказтӕ ӕмӕ куырдиӕттӕ ифтонггарз раивыны фӕдыл.