Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Джиоты Ӕхсарӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисӕры фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Джиоты Ӕхсарӕн.
Хӕстонӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты йӕ хиуӕттӕ, хӕлӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы сӕдӕгай адӕм, афтӕ ма РХИ къухдариуӕгад ӕмӕ парламенты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма уӕрӕсейаг минӕварады кусджытӕ.
Фыдохы митингы рӕстӕджы хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Джиоты Константин банысан кодта, Джиоты Ӕхсары хъайтардзинад ӕмӕ ӕхсардзинад кӕй уыдзысты Фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдыгдзинады дӕнцӕг.
Джиоты Ӕхсарыл цыд 29 азы. Баззад ын дыууӕ сывӕллоны.
Хуссар Ирыстоны президенты барамындӕй Джиоты Ӕхсары мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.