УФ æрцахстой Германийы æмбæстаг сылгоймаджы, уый фæнд кодта саразын теракт Пятигорскы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) кусджытæ не ‘руагътой теракт Ставрополы крайы барадхъахъхъæнæг органты объектыл. Теракт фæнд кодтой сæххæст кæнын Киевы сæрмагонд службæтæ Германийы æмбæстаг сылгоймаджы хайадистæй, фехъусын кодтой уагдоны æхсæнадон бастдзинæдты Центры.
Уагдоны радзырдтой, фæсарæйнаг æмбæстаджы хызыны бомбæ хъуамæ спырх кодтаит 28-аздзыд исламист Централон Азийæ. Уыцы гоймаджы дæр æрцахстой. Сылгоймаг йæхæдæг хъуамæ амардаид теракты бынаты.
Нысангонд æрцыд, сылгоймаджы хызыны кæй ссардтой рæмудзæн æрмæг. Уымæй дарддæр, сылгоймаг уый размæ хайад иста дропперы хуызы фæлывдмиты уæрæсейаг æмбæстæгты ныхмæ.