Ленингор æмæ Громы цъыфы зæйтæ цы фæндæгтæ фехæлдтой, уыдон сцалцæг кæндзысты сæрды

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны Цъинагар æмæ Громы хъæумæ цы фæндæгтæ цæуы, уыдон фехæлдысты цъыфы зæйты фæстиуæгæн, æмæ сæ цалцæг райдайдзæн хорз боныгъæд куы æрлæууа, уæд. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Багаты Алан.
Ныртæккæ профилон уагдон фæуд кæны æнæмæнгхъæугæ документаци æмбырд кæнын.
"Æнхъæлмæ кæсæм финансон фæрæзтæм, уый фæстæ райдайдзæн проекты реализаци. Цалцæггæнæн куыстытæ фæнд кæнæм балхынцъ кæнын иу мæймæ. Фæлæ куыстытæ райдайынæн хъæу, цæмæй мæр кæронмæ басур уа – уымæн та иуыл хуыздæр уавæртæ уыдзæн сæрды" – банысан кодта Багаты Алан.
Комитеты разамонæг бахахх кодта, проблемон фадгуытæ кæй ис Ленингормæ трассæйыл дæр.
"Ацы трассæйы проблемон фадгуытæ ис 8-9 азы дæргъы, æрвылаз дзы арæзт цæуынц мадзæлттæ, цæмæй фæндаг дарддæр ма фехæла. Ацы аз та фæнд кæнæм æххæстæй сцалцæг кæнын фæндаг", - бафтыдта Багаты Алан.
Цхинвал-Ленингор трассæйыл аиуварс кодтой цъыфы зæйы æрцыды фæстиуджытæ