Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта хуссарирыстойнаг хӕстонты Бурденкойы номыл Центры Мӕскуыйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бацыд Бурденкойы номыл Националон медицинон иртасӕн центрмӕ Мӕскуыйы, цӕмӕй бабӕрӕг кӕна сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕцӕфуӕвӕг архайджыты Хуссар Ирыстонӕй.
Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрныхас кодта дохтыртимӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтимӕ – Тедеты Алан ӕмӕ Бестауты Александримӕ.
Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, цӕттӕ у алыварсон ӕххуыс бакӕнын хӕстонтӕн. Президенты барамындӕй Тедеты Аланы схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.
Ӕфсӕддонтӕ сӕхирдыгӕй бузныг загътой президентӕн иудадзыг цӕстдард ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй.