Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы фæмардуæвæг хæстон Елдзарты Рамазæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik. Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) фæмардуæвæг хæстон Елдзарты Рамазæн.
Елдзарты Рамаз хайад иста СÆО-йы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Æфсæддон фæмард знаджы дроны цæфы фæстиуæгæн.
Фыдохы митингмæ æрбацыдысты республикæйы хицауады минæвæрттæ, паламенты депутаттæ, уæрæсейаг минæварад æмæ тыхон структурæты минæвæрттæ, афтæ ма 4-æм уæрæсейаг базæйы командæкæнынад.
Президенты барамындæй Елдзарты Рамазы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн" майданæй.
Хæстоныл цыд 36 азы. Баззад ын æртæ сывæллоны.