Тыбылты Георгий рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Ирон спортсмен Тыбылты Георгий рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй.
Тыбылты Георгий архайдта ерысты Сербийы командӕйы сконды 60 килограммы уӕзы категорийы.
Георгий финалмӕ фӕндагыл рамбылдта румынаг спортсмен Денис Флорианы 9:0 хыгъдӕй ӕмӕ молдаваг Корнелиу Русуйы 7:1 хыгъдӕй.
Европӕйы чемпионаты финалы та ирон богал рамбылдта Сомихстоны минӕвары, 24 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Европӕйы архайгӕ чемпион Сурен Агаджаняны.
Тыбылты Георгийӕн ацы майдан у ӕртыккаг Европӕйы чемпионатты. Ивгъуыд аз ирон спортсмен рамбылдта ӕвзист майдан, 2023 азы та бронзӕ.