ЦХИНВАЛ, 24 апр – Sputnik. Транскавказаг автомагистраль бакодтой фӕндагон змӕлдӕн майрӕмбоны райсомӕй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Трассӕ сӕхгӕдтой знон ӕдас ацӕуӕн сӕххӕст кӕныны фадат кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль 24 апрелы 08.00 сахатӕй кусы штатон режимы, ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.