Уæрæсейы ÆХМ: арæзт æрцыд РХИ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы райрæзты стратеги

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Тедеты Виктория. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн бадзырды фæлгæтты комплексон басгæрст ауагъдæуыд республикæйы медицинон уагдæтты, фехъусын кодта Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады фæткдаруаты хистæр Иван Шибалков.
"Фыццаг этапы дæргъы мах лæмбынæгæй сахуыр кодтам медицинон æххуысы организацийы æппæт аспекттæ, финанскæнынады механизмтæ, хостæй ифтонгкæнынады промблемæтæ æмæ кадрон фарстытæ", - загъта Шибалков.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, райсгæ бæрæггæнæнтæ уыдзысты бындур дарддæры куыстæн Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ.
"Ацы азы дæргъы арæзт æрцæудзæн республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы райрæзты стратеги 2030 азмæ. Ацы документы уыдзысты архæйдтыты нывæст, дырыс хæслæвæрдтæ, бæрнон æххæстгæнджытæ æмæ афтæ дарддæр", - загъта Иван Шибалков.