ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕхсӕнад "Зонынад" 28-30 апрелы ауадздзӕн Хуссар Ирыстоны скъолаты рухстауӕн мадзал "Знание. Лекторий", фехъусын кодта Уӕрӕсейаг ӕхсӕнад "Зонынад"-ы минӕварады разамонӕг Гӕджиты Анна.
Уӕлдай хъусдард здӕхт уыдзӕн киберӕдасдзинад, космос ӕмӕ ӕнӕниз царды темӕтӕн.
Проекты фӕлгӕтты ахуырдзауты раз ралӕудзысты ӕртӕ фӕлтӕрд лекторы: проекттӕ "1СПарус"-ы разамонӕг Анзор Балкаров, Рязаны паддзахадон университеты хистӕр ахуыргӕнӕг Даниил Зацепин ӕмӕ психолог Марина Филимонова.
Мадзӕлттӕ ацӕудзысты Цхинвалы ӕхсӕз ахуырадон уагдоны, сӕ нымӕцы фыццӕгӕм, дыккӕгӕм, фӕндзӕм, ӕхсӕзӕм, дыууадӕсӕм скъолаты, афтӕ ма гимнази "Альбион"-ы.