ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Цхинвалы райдыдтой куыстытæ Ногдзауты парк рæнæуæг кæныны фæдыл. Столицæйы администраци ацы аз фæнд кæны бацæттæ кæнын ранæуæггонд улæфæн зонæ горæты цæрджытæн. Уый тыххæй хицауады рабадтыл фехъусын кодта горæты мэр Гæбæраты Алан.
Куыстыты фæлгæтты фæнд кæнынц раивын бандæттæ æмæ плафонтæ, саразын ног хъазæн фæзуат сывæллæттæн, афтæ ма реставраци скæнын фонтантæ.
Театралон фæзуаты раздæры чысыл кафейы бынаты хæрзарæзт скæндзысты улæфæн зонæ. Уымæй дарддæр сæйраг фæзуатыл сæвæрдзысты ног мраморон бандæттæ – уыдон ныззаказ кодтой Ростовы æмæ хъуамæ æрхæццæ уой Цхинвалмæ 1 маймæ.
Гæбæраты Алан ма фехъусын кодта, микрорайон "Мæскуыйаг"-ы кæй ивынц уынгты рухсыты плафонтæ, ацы здæхты куыст адарддæр уыдзæн горæты æндæр уынгтыл дæр.