Гаглойты Алан басгӕрста Гром-Цъинагар фӕндаджы хӕлд фадыг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан баасгӕрста Гром-Цъинагары автомобилон фӕндаджы хӕлд фадыг, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Паддзахадон унитарон куыстуат "ЮОСИ"-ы разамонӕг Козаты Алан радзырдта президентӕн фӕндаджы уавӕры тыххӕй, афтӕ ма ӕввахс рӕстӕджы цы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакӕндзысты, уыдон. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ документаци ныридӕгӕн цӕттӕ у, ӕмӕ куыддӕр ӕлхӕд ӕрцӕуой арӕзтадон ӕрмӕджытӕ, афтӕ ма райдайдзысты куыстытӕ", - радзырдтой пресс-службӕйы.
Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, ахсджиаг у ӕвӕстиатӕй сцалцӕг кӕнын фӕндаг, уымӕн ӕмӕ йын стыр нысаниуӕг ис ӕввахс цӕрӕн пункттӕн.
Президент бахӕс кодта фӕтагъддӕр кӕнын куыстыты темптӕ. Козаты Алан баныфсӕвӕрдта президентӕн, хӕслӕвӕрдтӕ ӕмгъуыдмӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты.