ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Хуссар"-ы хæстонтæ активон размæбырстон архæйдтыты рæстæджы ссæрибар кодтой цæрæн пункт Ильиновка Донецкы Адæмон Республикæйы (ДАР), фехъусын кодтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
Знаг ацы здæхты иу суткæмæ фесæфта 130 æфсæддоны, дыууæ бронемашинæйы, быдырон артиллерийы дыууæ хæцæгарзы æмæ 13 хæдтулгæйы, афтæ ма хæстæрмæджыты дыууæ æфтауцы.
Æфсæдты къорд "Цæгат"-ы хæстонтæ та ссæрибар кодтой цæрæн пункт Землянки Харьковы областы.
Украинæйаг Гарзджын тыхтæ ацы здæхты фесæфтой 150 æфсæддоны, хæдтулгæ æмæ хæстæрмæджыты дыууæ æфтауцы.