ЦХИНВАЛ, 29 апр — Sputnik. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" аргъӕвта куыстытӕ Цхинвалы электрохызӕгтыл, уыдон тыххӕй фӕнд кодтой ахицӕн кӕнын рухс столицӕйы цалдӕр уынгыл, фехъусын кодтой уагдоны.
"Горӕты мадзӕлтты тыххӕй "Энергоресурс" аскъуыддзаг кодта аргъӕвын электрохызӕгтыл куыстытӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Уый размӕ хъусын кодтой, дыццӕг кӕнӕ ӕртыццӕджы Цхинвалы къорд уынджы кӕй баззайдзысты ӕнӕ электроифтонгадӕй 11.00-ӕй 16.00 сахатмӕ техникон куыстыты тыххӕй.