Милицийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ Цхинвалы амалиуӕггӕнджытӕм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik. Милицийы экономикон фыдракӕндтимӕ тохы фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дуканитӕй иуы энергетикон нозт, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).
Уымӕй дарддӕр оперативон кусджытӕ сбӕрӕг кодтой амалиуӕгадон архайд ӕнӕ паддзахадон регистрацийӕ Цхинвалы шиномонтажон ӕрмадзтӕй иуы.
Фӕткхалджыты фӕдыл бакодтой административон хъуыддӕгтӕ, басгӕрсты фӕстӕ ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ барвитдзысты тӕрхондонмӕ, банысан кодтой министрады.