Хæстон кады музей бакодтой Цхинвалы скъола-интернаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 мая – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы скъола-интернаты къуырисæры цытджын уавæры бакодтой хæстон кады Музей.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны фыццаг вице-премьер Джиоты Константин, Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Денис Федоров, Россотрудничествойы разамонæг Сергей Комиссаров, республикæйы ахуырады министр Плиты Римма, афтæ ма æхсæнады минæвæрттæ.
Хæстон кады музей бакодтой Цхинвалы скъола-интернаты
Ахуырадон уагдоны директор Сланты Элла бахахх кодта, скъолайы музей кæй сарæзтой уырыссаг æмæ ирон адæмты бирæнусон æмæ æфсымæрон хæларады руаджы.
Уæрæсейы минæварады уынаффæгæнæг-минæвар Денис Федоров банысан кодта, музейы баконд кæй у ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын цау.
Цхинвалы скъола-интернаты хæстон кады Музей сарæзтой проект "Рамбылдтам иумæ"-йы фæлгæтты, кæцы æххæст цæуы Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй.
Хæстон кады музей бакодтой Цхинвалы скъола-интернаты