Ленингоры районы цæттæ кæнынц Уæлахизы бонмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæттæ кæнынц Уæлахизы бонмæ – цæрæн пунктты бакæндзысты мемориалтæ, цæудзысты номарæн акцитæ, концерттæ æмæ киноравдысттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.
Фарастæм майы агъоммæ районы ацæудзысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтарты номарæн мадзæлттæ. Къорд хъæуы цытджын уавæрты бакæндзысты хæсты хайадисджыты мемориалтæ.
Хæсты хъайтарты объектты реконструкци ацыд уæрæсейаг программæ "Фæлтæрты мысæн"-ы фæлгæтты.
Бæрæгбонон программæ бацæттæ кодта районы культурæйы хайад дæр. Мадзæлттæ райдайдзысты 5 майы "Георгиевская лента"-йæ. 8 майы æппæт районы ацæудзысты цыртдзæвæнтæм дидинтæ сæвæрыны церемонитæ, афтæ ма концерттæ æмæ хæсты тыххæй кинонывты равдысттæ.