ЦХИНВАЛ, 4 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы хæстонтæ хæрзарæзт скодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъайтарты мемориалтæ, хъусын кæны Уæрæсейы Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.
"Дæлхайады æфсæддонтæ бафснайдтой хус сыфтæртæ æмæ бырон, афтæ ма ссыгъдæг кодтой æмæ сахуырстой цыртдзæвæнтæ", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Мадзæлтты нысан у ссыгъдæг кæнын цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтæ Стыр Уæлахизы бонмæ.