ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik, Чилӕхсаты Наталья. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццӕджы фембӕлд ӕхсӕнадӕмон мотомарш "Уӕлахизы фӕндӕгты" хайадисджытимӕ.
Делегацийы сконды сты патриотикон змӕлд "Уӕлахизы фӕндӕгтӕ" ӕмӕ легендарон мотоклуб "Ночные волки"-йы активисттӕ.
"Хуссар Ирыстонӕн фарастӕм май хуымӕтӕг бӕрӕгбон нӕу, уый у фидар удыхъӕд ӕмӕ хъайтардзинады символ. Республикӕйы ӕрвылаз цӕуынц бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, ӕмӕ нӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд у равдисын рӕзгӕ фӕлтӕрӕн, куыд хъӕуы аргъ кӕнын рӕстагон историйӕн", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Гаглойты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цы ирӕттӕ тох кодтой, уыдоны байзӕддӕгтӕ абоны бон уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ ӕххӕст кӕнынц хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы.
"Уӕлахизы фӕндӕгты" змӕлды разамонӕг ӕмӕ мотоклуб "Ночные волки"-йы мӕскуыйаг хайады президент Андрей Бобровский бузныг загъта хуссарирыстойнаг фарсӕн хъарм райсты тыххӕй.
Монон иудзинад ӕмӕ хӕларады цытӕн "Ночные волки" радтой Хуссар Ирыстонӕн зынаргъ лӕвар – Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы уазныв.
Фембӕлды кӕрон Андрей Бобровский официалон ӕгъдауӕй фӕхуыдта Гаглойты Аланы мотоклубы штаб-фатермӕ Мӕскуымӕ.