Хуссар Иры райдыдта акци "Георгиевская ленточка"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 мая — Sputnik, Тедеты Виктория. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы райдыдта патриотикон акци "Георгиевская ленточка".
Хуссар Иры райдыдта акци "Георгиевская ленточка"
Цхинвалы акцийы фыццаг хайадисджытӕ уыдысты президент Гаглойты Алан, хицауады сӕрдар Тадтаты Дзамболат, Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Денис Федоров, президенты администрацийы разамонӕг Ӕлборты Алан, афтӕ ма мотоклуб "Ночные волки"-йы хайадисджытӕ.
Мадзалы официалон хайы фӕстӕ ацыд бӕрӕгбонон программӕ. Цхинвалы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджыты раз ралӕууыдысты Галаты Борисы номыл паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ РХИ президенты цур ирон националон зарӕджы паддзахадон хор.
Хуссар Иры райдыдта акци "Георгиевская ленточка"