ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik. Мотоклуб "Ночные волки"-йы хайадисджытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ Стыр уӕлахизы 81-ӕм афӕдзы боны цытӕн мотомаршы фӕлгӕтты.
Цхинвалы Театралон фӕзуатыл сыл сӕмбӕлдысты традицион ирон уӕливыхтимӕ.
Уӕлахизы тырысатӕ ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты къамтимӕ мадзалы хайад райсдзысты 150 мотоциклисты Уӕрӕсе, Белоруси, Австрали, Швейцари, Германи, Чехи, Словаки, Словени, Польша, Черногори ӕмӕ Болгарийӕ.
Мотомарш райдыдта 25 апрелы Мӕскуыйы ӕмӕ фӕуыдзӕн 9 майы Пятигорскы.