Цхинвалы байгом Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстӕн нывонд равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 май – Sputnik. Цхинвалы байгом равдыст "Хуссар Ирыстон стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты". Мадзал арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы минӕварады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ ацыд столицӕйы Театралон фӕзуатыл.
Эскпозицийы баконды хайад райстой Уӕрӕсейы минӕварады уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Денис Федоров, РХИ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан, Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Сергей Комиссаров ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.
Мадзалы хайадисджытӕ банысан кодтой республикӕйы цӕрджыты егъау хайбавӕрд Стыр Уӕлахизмӕ.
Цхинвалы байгом Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстӕн нывонд равдыст