Цхинвалы центры арӕнӕвӕрдтӕ сӕвӕрдзысты автотранспорты змӕлдыл парады репетицийы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 май - Sputnik. Ӕфсӕддон парады генералон репетициты тыххӕй Цхинвалы Театралон фӕзуатыл 5 ӕмӕ 6 майы автотранспорты змӕлдыл арӕнӕвӕрдтӕ сӕвӕрдтой сӕрмагонд барамынды онг, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Театралон фӕзуатыл рацӕудзысты МХМ, хъахъхъӕнынады министрад, УУМ ПӔК Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕ ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы парадон къордтӕ, афтӕ ма Кадетон скъолайы курсанттӕ.