ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арвыста тӕфӕрфӕсы тел Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновмӕ Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ Джанкой кӕй фехстой, уый фӕдыл. Президент банымадта ацы атакӕ террорыл сабыр цӕрджыты ныхмӕ.
Аксенов ӕртыццӕджы фехъусын кодта, ивгъуыд ӕхсӕв дронты атакӕйы фӕстиуӕгӕн кӕй амардысты фондз адӕймаджы.
Гаглойты Алан йӕхи ӕмӕ республикӕйы адӕмы номӕй тӕфӕрфӕс ракодта фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн.
Президенты зӕрдӕ загъта, цӕмӕй атакӕйы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ тагъддӕр сӕнӕниз уой.