ЦХИНВАЛ, 6 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2026-2028 азтӕм Инвестпрограммӕйы реализацийыл ӕрдзырдтой хицауады рабадтыл премьер-министр Тадтаты Дзамболаты къухдариуӕгады бын. Уый тыххӕй хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.
Фембӕлды хайадисджытӕ ӕрдзырдтой Уанат-Хуыцъе автофӕндаджы арӕзтадыл ӕмӕ Къуайсайы хъӕуы донвӕд саразыныл.
Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Цоциты Зауыр радзырдта хицауады сӕрдарӕн куыстыты темпты тыххӕй. Хицӕнӕй дзырд цыд Цхинвалы Ирӕтты уынгыл цӕрӕн хӕдзары арӕзтадыл, дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы реконструкцийыл ӕмӕ горӕты уынгты хӕрзарӕзтадыл.
Хыгъдлӕвӕрдтӕ бадӕттыны фӕстӕ алкӕцы объекты фӕдыл дӕр сбӕлвырд кодтой проблемон зонӕтӕ ӕмӕ снысан кодтой сӕ алыг кӕныны фӕндӕгтӕ.