ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Цолды хъæуы бæрæгбонон церемонийы рæстæджы бакодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн нывонд цыртдзæвæн. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта районы пресс-службæйы разамонæг Кокойты Анжела.
Цыртдзæвæн реставраци скодтой "Рамбылдтам иумæ" программæйы фæлгæтты. Церемонийы хайад райстой районы къухдариуæгад Уалыты Муртазы сæргълæудæй, Уæрæсейы минæварады фыццаг секретарь Игорь Ратушняк, парламенты депутат Дриаты Заза, афтæ ма скъоладзаутæ æмæ бынæттон цæрджытæ.
Мадзалы хайадисджытæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрдтой мемориалмæ.
Районы администрацийы банысан кодтой, абон ма кæй фæнд кæнынц бакæнын цыртдзæвæнтæ къорд цæрæн пункты.
Ленингоры районы бакодтой цыртдзæвæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн
© Photo : Пресс-служба Ленингорского района РЮО