ЦХИНВАЛ, 8 май – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсментӕ хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон ерысты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 21 азы онг кары ӕрыгӕтты ӕхсӕн Каспийскы.
Турниры майдантыл тох кӕндзысты Ирыстоны ӕхсӕз минӕвары: Абациты Рустем, Беслехъоты Зауыр, Давид Налбандов, Габеты Артур, Артур Маркарян ӕмӕ Габеты Георгий.
Ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ греко-римаг хъӕбысхӕстӕй ӕрыгӕтты ӕхсӕн цӕудзысты Каспийскы 12-13 майы. Турнир ӕрӕмбырд кӕндзӕн 150 ӕвзонг спортсмены Уӕрӕсейы алыгъуызон регионтӕй.