Мӕ зынаргъ рухс ӕмӕ газ

Рафыссын

2021  азы райдианӕй Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр сты тарифтӕ электроэнерги ӕмӕ ӕрдзон газӕн. Февралӕй фӕстӕмӕ фиддонтӕ фыст цӕуыдзысты ног тарифтӕм гӕсгӕ, афтӕмӕй хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ горӕты, стӕй ма юридикон цӕсгӕмттӕн ивындзинӕдтӕ сты хицӕн. Кӕцыдӕр категоритӕн ӕргътӕ нымад ӕрцыдысты уӕлӕмхас аргъы фиддонты процентмӕ гӕсгӕ (НДС). Иумӕйаг сисгӕйӕ та тарифтӕ фӕфылдӕр сты 4 процентӕй 22 проценты онг. Бӕстондӕр бӕрӕггӕнтӕ нӕ инфографикӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0